Задайте вопрос Президенту России

Йæ мады фыдæбæттæ , йæ рæвдыд, йæ хъарм хъæбыс, йæ узæлд хъуыды кæнгæйæ алы кары сывæллон дæр Мады бонмæ фæцæттæ кæны ныхæсты хуыздæртæй йын йæ зæрдæ барухс кæнын, исты лæварæй, дидинджыты бастæй йæ сбуц кæнын, цы уарзондзинад дары йæ ныййарæгмæ, уый раргом кæнын фæлмæн, уды рæбынæй цæугæ рæвдауæн ныхæстæй.

Беслæны цæрæг Уалыты-Хуыбежты Маринæ у медицинон хо. Ныр 20 азæй фылдæр кусы республикæйы клиникон рынчындоны. У хорз кусæгыл нымад, аргъ ын ис йе 'мкусджыты æхсæн. Уæдæ сыхы мидæг дæр у æнæзивæг, йе 'ххуыс кæй бахъæуы, уымæн ницы бавгъау кæны, рынчын куы уа, уæд цæмæй тагъддæр адзæбæх уа, ууыл бацархайы. Афтæ йæ цардæмбал Хуыбежты Сослан дæр. Уый дæр кусы республикæйы клиникон рынчындоны нейрохирургæй. У зындгонд дохтыр. Уымæн дæр йе 'ххуыс кæй бахъæуы йæ алыварс цæрæг адæмæй, уыдонæй йæхи никуы аласы иуварс Маринæ медицинон хойæ дарддæр у æртæ сывæллоны Мад. Йæ сæр йæ хъæбултæй бæрзонд хæссы, ныййарæджы хæстæ æххæст кæны, куыд не 'мбæлы, афтæ хорз æмæ сты фæзминаг хъæбултæ. Цы Беслæны 5-æм скъолайы ахуыр кæнынц, уым дæр сын ис стыр кад, нымад сты иттæг хорз ахуырдзаутыл, йæ фидыц сты, куы зæгъон, уæд раст уыдзынæн, уымæн æмæ сын аргъ кæнынц куыд ахуыргæнджытæ, афтæ ахуырдзаутæ дæр, сæхи дарынæй, се 'гъдауæй, скъолайы царды архайдæй сты раззагдæртыл нымад.
Ацы азы рауагъдон у хистæр чызг Анастасия, 11 къласы каст фæцис майданыл æмæ ныр у Дзæуджыхъæуы медицинон академийы фыццаг курсы студенткæ. Бафæндыд æй йæ ныййарджытæ Сослан æмæ Маринæйы хуызæн медицинæйы фæндагыл ацæуын. Виктория (11-æм къласы ахуырдзау) æмæ Аслан дæр (10-æм къласы ахуырдзау) ахуыр кæнынц иттæг хорз бæрæггæнæнтыл, майдантæ дæр сæ хо Анастасияйы хуызæн кæй райсдзысты, уый дызæрдыггаг нæу.
Асланы дæр фæнды йæ ныййарджыты фæндагыл ацæуын, ома, медицинон дæсниад райсын. Æрмæст Викторияйы фæнды æндæр дæсниад равзарын – фæнд кæны юрист суæвын. Амондджын фæндæгтыл ацæут уæ мад æмæ фыды фæндиаг.
Æндæр амонд ма цы хъæуы мады?!! Цот йæхи фæндиаг куы рауайой, уæд уый стыр хорздзинад у.
Дæ цæстытæ худæнт алкæддæр дæ рæсугъд кæстæрты цинæй. «Мамæ, мах æнæкæрон бирæ уарзæм дæу!» - ацы ныхæстæ алы бон дæр куыд хъусай, Хуыцау æмæ дын Мады Майрæм ахæм арфæ ракæнæнт!
ХОСОНТЫ Земфирæ

Йæ  мады фыдæбæттæ , йæ рæвдыд, йæ хъарм хъæбыс, йæ узæлд хъуыды кæнгæйæ алы кары сывæллон дæр Мады бонмæ фæцæттæ кæны ныхæсты хуыздæртæй йын йæ зæрдæ барухс кæнын, исты лæварæй, дидинджыты бастæй йæ сбуц кæнын, цы уарзондзинад дары йæ ныййарæгмæ, уый раргом кæнын фæлмæн, уды рæбынæй цæугæ рæвдауæн ныхæстæй. - 5393664844941

Комментарии

Комментариев нет.