Апрели мæи 1929 анзи райгурдæй Сæбанта Хаджумар (Будзула).

Хуцау ин уотæ дессаги хъаурæгин искурдиадæ балæвар кодтæ, æмæ ин кæд æ æригонæй исахур кæнуни равгæ не ΄ссæй – æ мадæ 5 седзæрей хæццæ байзадæй, ма уомæн æнхус кæнун гъудæй, куста фиццаг къолхози будурти, уой фæсте ба гъæдæрмæги хæццæ, - уæддæр æ бон иссæй хуæдахур нивгæнæг исун, æ куститæ берæ рауæнти кæмæн зонунцæ, уæхæн. Ма уомæй дессæгдæр ба, æвæдзи, е æй, æма Хаджумар е ΄ртинсæй анзей сæрти ку бахизтæй, уæд Дзанайти Ольги
разамундæй ирон зарæггæнгути хормæ хунд æрцудæй солистæй. Ма айдагъ мах республикæ нæ, фал Маску æма æндæр устур горæтти дæр Будзулай зарунбæл æрдзæф кодтонцæ.
Дигори райони библиотеки ци ролик бацæттæ кодтонца Хаджумари номбæл, уоми æнцæ æ конд нивтæ дæр, æ дессаги зарун дæр.
Зæрдиагæй уæ хонæн: бакæсетæ æма байгъосетæ.

Будзула...

Комментарии

Комментариев нет.